Ереван (сом. Երևան [jɛɾɛˈvɑn]) у Сомихы сæйраг сахар. Уый у паддзахады стырдæр сахар. Цæрынц дзы 1 075 100 адæймаджы.

Сахар
Ереван
сом. Երևան
Тырыса Герб
Тырыса Герб
40°10′ с. ш. 44°31′ в. д.HGЯO
Паддзахад Сомих Сомих
Марз Ереван
Истори æмæ географи
Бындурæвæрд 782 нæ э. а.[1]
Фыццаг кой 782 нæ э. а.
Раздæры нæмттæ Эребуни, Эривань
Фæзуат
  • 227 ± 1 км²
Сахатон таг UTC+4:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ
Цифрон идентификатортæ
Телефонон код +374 10
Посты индекс 0001–0099
yerevan.am(сом.)(уырыс.)(англ.)
Ереван (Сомих)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Ереваны чи цæры, [jerevanciner], уыдонæй фылдæр хай дзурынц скæсæн-сомихаг æвзаджы еревайнаг диалектыл. Ацы диалекты ис бирæ дзырдта рагон сомихаг æвзаг грабарæй, диалектмæ зынгæ тæваг хæццæ кодта персайнаг æмæ уырыссаг æвзæгтæй. Сомихаг диаспорæйы цæрджытæй дунейы иннæ ратты сæ фылдæр дзурынц ныгуылæн-сомихаг æвзагыл. Мингай сомихæгтæ ралыгъдысты Ереванмæ регионы иннæ бæстæтæй (Ирак, Иран, Турк, Грекъ, Сири) советон дуджы фыццаг азты[3], 1921-æм азæй 1936-æм азы онг; уый руаджы Ереван сси иуадæмон сахар, иннæ советон республикæты хъауджыдар.

Географи

ивын
 
Сахары къам спутникæй

Ереван æрбынат кодта Арараты лагъз быдыры цæгат-скæсæны, Сомихы уæлвæзы астæу. Сахар цы платойыл лæууы, уый æртæ фарсæй æхгæд у хæхтæй — йæ цæгат-ныгылæны ис Арагацы хох, цæгаты — Канакеры хæхтæ, скæсæны та — Гегамы хæхтæ. Хуссарырдæм Ереваны фæз ныллæгдæр кæны цæугæдон Араксы ’рдæм, уый фæстæ та фенæн ис Арараты дыууæ цъуппы.

Ереваны рельеф тынг алыхуызон у, æмвæзады ивдтытæ сты 400 метры онг. Сахары ууылты аив комы мидæг кæлы Разданы цæугæдон.

Ереваны генералон план сарæзта архитектурæйы академик Александр Таманян 1924-æм азы. Таманяны планы нымады сты рельефы хицæндзинæдтæ æмæ, сахары цы дымгæтæ арæхдæр вæййынц, уыдон дæр[4].

Ереваны бæстыхъæд у хус континенталон, рæстæмбис температурæ у 11,8 °C, сæрды +25 °C, зыæджы та −4-5 °C, æппæты фылдæр +42 °C, æппæты къаддæр −31 °C. Европæйы сæйраг сахарыт ’хсæн Ереваны ис стырдæр хъауджыдардзинад сæрды æмæ зымæджы рæстæмбис температурæты ’хсæн[5].

Истори

ивын

Ереваны бындурæвæрдыл нымад у Урартуйы фидар Эребунийы арæзтад паддзах Аргишти I-æмы барамындмæ гæсгæ[6][7][8][9][10]. Нæ эрæйы агъоммæ 782 азы ардæм Сомихы уæлвæзы иннæ регионтæй ласт арцыдысты 6600 уацайраджы. Эребунийы ном та, ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ, баст у этноним эри-имæ[11]. Эребуни уыдис ныры Ереваны хуссайраг кæроны.

Сомихаг таурæгътæм гæсгæ Ереваны ной уыд библийаг Нойы хъæрахст «Еревац!» (Мæнæ уый!), Ной Арараты цъупп куы федта доны уæле, уæд[12]. XVII æнусы балцгæнæг Жан Шарден фыссы: «Эривань, сомихæгты ныхæстæм гæсгæ, у дунейы рагондæр сахар. Уыдон куыд фæзæгъынц, Ной йæ мыггагимæ æрцардис донивылды агъоммæ, уый фæстæ та дæлæмæ ныццыдис хохы цъуппæй»[13]. Таурагъон верси у адæмон этимологийы дæнцæг, кæй зæгъын æй хъæуы[14].

 
Аргъуан Катогике, 1264 азы арæзт[15]

Сомихаг астæузаманы ратæдзæнты Ереваны фыццаг кой цæуы 607-æм азы. 660-æм азы сахар араббæгты дæлбар баци. Фæстæдæр сомихаг хибардзинад куы рацарæзтой, Ереван æмæ йæ алфамбылай зæххытæ уыдысты Багратидты Анийы паддзахады.

XIII æнусы Ереваны райгуырдис поэт Тертер Ереванци[16].

XIV æнусы сахары цардысты 15-20 мин адæймаджы, фæлæ 1387-æм азы æрбацæуæг манголт æфсæд сахар ныппырх кодтой[17], ууыл йæ чиныджы фыссы уыцы цауы æмдугон Григор Хлатеци (1349—1425)[18]

Манголтæ сахары уагътой сæхи згъæрæхца, фыстой дзы сахары ном дæр. Манголты фæстæ сахары хицаутæ систы туркомантæ Кара-Коюнлу æмæ Ак-Коюнлу, уыдоны рæстæг Ереван уыд ахсджиаг культурæйы артдзæст.

Фыццаг уырыссаг-персайнаг хæсты рæстæг уырыссаг æфсæд Эриваны (Ереваны) фидар цалдæр хатты райсыныл архайдтой, æмæ уый æрмæстдæр Паскевичы къухы бафтыд (æмæ уый тыххæй уый райста Эриваны кънйазы кадджын ном)[19]; Туркманчайы бадзырдмæ гæсгæ Эриваны ханад Уæрæсейы империйы скондмæ бацыдис. 1828-æм азы уырыссаг паддзахы бардзырдмæ гæсгæ[20] кæддæры Эриваны ханад æмæ Нахичеваны ханад баиу кодтой æмæ схуыдтой Сомихы облæст, кæцыйæн йæ сæйраг сахар сси Эривань (1849-æм азæйЭриваны губернæ).

Туркманчайы бадзырдмæ гæсгæ сомихаг адæмыхатты цæгатаг Персы цæрджытæ ралыгъдысты Уæрæсейы зæххытæм, æртæ мæймæ 8 мин сомих мыггагæй фылдæр æрцардысты Сомихы облæсты зæххыл[21][22], уыцы-иу рæстæг пысылмон цæрджытæ ралыгъдысты Персимæ.

Æфсымæрон сахартæ

ивын
 
Сахары иумæйаг уынд сæрды


 
Сахары уынд зымæгон бон

Кæс ноджы

ивын

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. https://www.yerevan.am/am/our-city/
  2. https://armstat.am/file/article/population_01_22.pdf
  3. The Armenians: past and present in the making of national identity, Caucasus world, CAUCASUS WORLD. PEOPLES OF THE CAUCASUS. Peoples of the Caucasus Series. Edmund Herzig, Marina Kurkchiyan. Routledge, 2005. ISBN 0-7007-0639-9, 9780700706396.
  4. В. Н. Белый, И. В. Белая-Барсегян. Армения, Энциклопедия путешественника. — Ереван: Армянская Советская Энциклопедия, 1990. — С. 101—144. — 318 с. — 100 000 экз. — ISBN 5-89700-002-6.
  5. Mean summer and winter temperatures of european capitals [OC [1475 x 1200] • r/MapPorn]. reddit. Датæ: 2018-æм азы 1 январы.
  6. Iranica. Erevan.
  7. Robert H. Hewsen. Armenia: A Historical Atlas — University of Chicago Press, 2001. — 341 p. — ISBN 0-226-33228-4, ISBN 978-0-226-33228-4. P. 26.
  8. Britannica. Статья: Yerevan.
  9. J.R.Russel. Armeno-Iranica. // Papers in honour of Professor Mary Boyce / Red.: Jacques Duchesne-Guillemin: encyclopédie permanente des études iraniennes, Vol. 1. Brill Archive, 1985. ISBN 906831002X, 9789068310023. P. 454
  10. Paul Zimansky. Urartian and the Urartians // Sharon R. Steadman, Gregory McMahon. The Oxford handbook of ancient Anatolia (10,000-323 BCE). Oxford University Press, 2011. ISBN 0-19-537614-5, 9780195376142. P. 557.
  11. Твёрдый А. В. Топонимический словарь Кавказа.
  12. Эривань // Энциклопедический словарь Брокгауза и Ефрона : в 86 т. (82 т. и 4 доп.). — СПб., 1890—1907.
  13. Sir John Chardin. Travels to Persia and the East Indies through the Black Sea and the country of Colchis (London: 1686), 248.
  14. George A. Bournoutian and Robert H. Hewsen. Erevan(недоступная ссылка). Датæ: 2020-æм азы 30 октябры. Архив 2012-æм азы 16 январы.
  15. Церковь Св. Богородицы Катогике. Официальный сайт мэрии Еревана. Датæ: 2017-æм азы 9 ноябры.
  16. Т. Х. Акопян. Очерк истории Еревана. — Ереваны университеты рауагъдад.
  17. Т. Х. Акопян. Очерк истории Еревана. — Ереваны университеты рауагъдад. — С. 36.
  18. «Колофоны бедствий» Григора Хлатеци / Изд. Г. Халатянц. — Вагаршапат, 1897. — С. 6.
  19. Керсновский А. А. Глава 8. Покорение Кавказа // История русской армии // в 4 томах / ред. Купцовой В.. — М.: Голос, 1993. — Т. 2. — С. 99. — 336 с. — 100 000 экз. — ISBN 5-7055-0864-6.
  20. Акты Кавказской Археографической Комиссии. т. VII, док. № 437
  21. С. Глинка, Описание переселения армян адербайджанских в пределы России, Москва, 1831, Институт Восточных Языков
  22. Академия Наук СССР, Институт Этнографии им. Н. Н. Миклухо-Маклая, Кавказский Этнографический Сборник, том 4, Москва, Издательство Наука, 1969; Н. Г. Волкова, Этнические процессы в Закавказье в 19-20 веках


  NODES
admin 1