Алжир, æнæхъæн ном у Алжиры Адæмон Демократион Республикæ (арабб. الجمهورية الجزائرية الديمقراطية الشعبية‎‎, Āl-Jamhūrīâ āl-Jazāỷrīâ āl-Dīmuqrāṭīâ āl-Şebīâ; берб. ⵟⴰⴳⴷⵓⴷⴰ ⵜⴰⵎⴻⴳⴷⴰⵢⵜ ⵜⴰⵖⴻⵔⴼⴰⵏⵜ ⵜⴰⵣⵣⴰⵢⵔⵉⵜ) у паддзахад Цæгат Африкæйы, кæддæры Францы колони (18301962). Йæ сæйраг сахар у Алжир. Алжиры фылдæр хай у æдзæрæгран Сахарæйы. Суданы радихы фæстæ Алжир сси Африкæйы стырдæр паддзахад.

Алжиры Адæмон Демократион Республикæ
арабб. اَلْجُمهُورِيَّة اَلْجَزَائِرِيَّة اَلدِّيمُقرَاطِيَّة اَلشَّعبِيَّة‎‎
берб. ⵟⴰⴳⴷⵓⴷⴰ ⵜⴰⵎⴻⴳⴷⴰⵢⵜ ⵜⴰⵖⴻⵔⴼⴰⵏⵜ ⵜⴰⵣⵣⴰⵢⵔⵉⵜ
Тырыса Герб
Тырыса Герб
Девиз: «من الشعب و للشعب»
«Адæмæй æмæ адæмæн»
Алжиры паддзахадон гимн
Официалон æвзæгтæ араббаг, бербераг, францаг
Сæйраг сахар Алжир
Стырдæр сахартæ Алжир, Константинæ, Оран
Хицауиуæджы хуыз Республикæ
Территори
 • Æдæппæт 2 381 740 км²
Цæрджытæ
 • Бахыгъд 32 531 853 ад.
 • Æнгомад 13,6 ад./км²
ÆМП
 • Æдæппæт (2004) 217,2 млрд. долл.
Валютæ Алжиры динар (DZD)
Интернет-домен .dz
Код ISO DZ
ÆОК-ы код ALG
Телефонон код +213
Сахатон таг +1
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Истори

ивын

XVI æнусæй XVIII æнусы онг Алжир уыдис Османты империйы сконды. XIX æнусы та райдыдта францаг колонизаци.

Географи

ивын

Кæс: Алжиры сахарты номхыгъд.

Уæрæсеимæ бастдзинæдтæ

ивын

Советон Цæдис Алжирæн стыр æххуыс кодта 1955-æм азæй фæстæмæ. Алжиры хæс Уæрæсейæн уыдис 4,7 миллиард доллары бæрц, 2006-æм азы уыцы хæс Алжирæн барст æрцыдис[1] — ахæм уынаффæ скодта Уæрæсейы президент Владимир Путин, Алжирмæ бæлцы куы уыд, уæд. Советон хæстæ барыны хабар баст у уæрæсейаг хæцæнгæрзтæ æлханыны стыр бадзырдимæ (контракты аргъ у 7 миллиардæй фылдæр), стæй та, Алжир раздæр Украинæ æмæ Белоруссийæ цы 36 хæдтæхæджы балхæдта, уыдоны модернизацийы тыххæй бадзырдимæ.

Уæрæсейы компанитæ «Роснефть» æмæ «Стройтрансгаз» хайад исынц нефт æмæ æрдзон газ къахыны Алжиры территорийыл.

 
Ромаг Трайаны аркæ сахар Тимгады. XIX æнусы конд ныв
 
Алжиры картæ

Фиппаинæгтæ

ивын


  NODES