Ачъар[3] кæнæ Ачъара[4], Аджари (гуырдз. აჭარა), официалон ном у Ачъары Автономон Республикæ (гуырдз. აჭარის ავტონომიური რესპუბლიკა) у историон, географион æмæ административон бæстæ Гуырдзыстоны хуссар-ныгуылæны. Ныры Гуырдзыстоны Ачъар у автономон республикæ. Йæ сæйраг сахар у Батум.

Автономон республикæ
Ачъар
гуырдз. აჭარა
Тырыса Герб
Тырыса Герб
41°39′ с. ш. 42°00′ в. д.HGЯO
Паддзахад Гуырдзыстон Гуырдзыстон
Админ. центр Батум
Сæргълæууæг Арчил Хабадзе[d]
Истори æмæ географи
Бындурæвæрды датæ 1991
Фæзуат
  • 2919 км²
Сахатон таг UTC+04:00[d]
Цæрджытæ
Цæрджытæ 354 900 ад. (2021)
Националон сконд гуырдзиæгтæ (ачъайрæгтæ) 96,04 %, сомихæгтæ 1,64 %, уырыссæгтæ 1,10 %, украинаг адæм 0,24 %, бердзенæгтæ 0,17 %[1]
Дин чырыстон дин 54,5 %, пысылмон дин 39,8 %[2]
Цифрон идентификатортæ
Код ISO 3166-2 GE-AJ
Официалон сайт
Ачъар картæйыл
Ачъар картæйыл
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Географи

ивын
 

Хуссарырдыгæй Ачъары ис арæн Туркимæ (йæ даргъ у 121 км), ныгуылæнырдæгæй — Сау денджыз. Ачъары æдæппæт фæзуат у 2,9 мин квадратон километры, цæрджыты нымæц — 330 минæй фылдæр. Æрдзон æууæлтæм гæсгæ Ачъар дих кæнынц дыууæ хайыл: денджызгæрон æмæ хæххон Ачъар.

Æппæт Ачъары цæугæдæттæ калынц Сау денджызмæ, уыдонæй сæ хъомысджындæр у Чъорох. Хъæд æмбæрзы Ачъары фæзуаты 65,1 %, уый у дунейы æмæ Гуырдзыстоны рæстæмбис хъæды процентæй бирæ фылдæр (дунейы сурзæххы 27 % у хъæд, Гуырдзыстоны та — 39 %).

Бæстыхъæд

ивын

Денджызгæроны Ачъарæн ис уымæл субтропикон бæстыхъæд, рæстæмбис температурæ +14,5 градусы хъарм, январы та æрмæстдæр +6,5 градусы. Арæх дзы уары къæвда (2500 мм афæдзы дæргъы), фæлæ ис бирæ хурбонтæ.

Хæххон Ачъармæ Сау денджыз къаддæр тæваг дары, уæлдæф дзы хусдæр у. Хохы бæрзæндтæ сты 3500 м онг, Годерсы æфцæгыл (2025 м) цæуы фæндаг БатумАхалцихе.

Къахинæгтæ

ивын

Ачъары ис æрхуы æмæ æндæр згъæрты æрзæт, суартæ, алыхуызон æрмæджытæ арæзтадæн (базальт, сиенит, дацит, змис). Сау денджызы бын ссарæн ис нефт æмæ газы гуырæнтæ.

Цæрджытæ

ивын

2018-æм азы 1 январмæ гæсгæ Ачъары цæрджыты нымæц уыдис 346 300 адæймаджы[5], 2014-æм азы 1 январмæ — 396 600 адæймаджы[6]

2014-æм азы Гуырдзыстоны цы цæрджыты сфыст æрцыд, уымæ гæсгæ та Ачъары цардысты 333 953 адæймаджы[7], 2002-æм азы сфыстмæ гæсгæ та — 376 016 адæймаджы (уыдонæй 93,4 % — гуырдзы (ачъайрæгтæ), 2,4 % — уырыс, 2,3 % — сомих, 0,6 % — грекъæгтæ, 0,4 % — абхазæгтæ, 0,9 % — æндæртæ). 1989-æм азы (фæстаг советон) сфыстмæ гæсгæ националон сконд уыдис ахæм: гуырдзы — 82,8 %, уырыс — 7,7 %, сомих — 4,0 %, иннæтæ — 5,5 %[8].

Ачъайрæгтæ куыд хицæн этнос рахицæн кодтой XV-XIX æнусты, Османты империйы мидæг пысылмон дин чи райстой, уыцы гуырдзиæгты бындурыл. Ачъар Уæрæсейы империмæ куы бахауд 1878-æм азы, уыцы къорд бынтон нæма стурк сты, æмæ сæ тюркизацийы процесс баурæдæуыд. 1926-æм азы онг ачъайрæгты хуыдтой æнæуи гуырдзиаг пысылмæттæ. 1926-æм азы цæрджыты сфысты рæстæг советон хицауад банымæдта 71 498 ачъайраджы. Фæстæдæр та сæ гуырдзыйæ нæ хицæн кодтой æмæ сфыстыты сæ нæ нымæдтой, Ачъары автономи та фæзындис æрмæстдæр Туркимæ бадзырдмæ гæсгæ.

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. georgia-ethnic-2014
  2. georgia-religion 2014
  3. Soveton Socialiston Respublikty Cædisy konstituci. — Stalinir: Xussar Irystony Rauahdady tipografi, 1936
  4. Ирон æвзаджы æмбарынгæнæн дзырдуат : 4 томæй / Гæбæраты Никъалайы иумæйаг редакцийæ ; Уæрæсейы зонæдты академи ; Дзæуджыхъæуы зонадон центр ; Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институт. — М. : Наука, 2007. I-æм том
  5. Численность населения краёв и муниципалитетов Грузии на начало года в 1994—2018 гг.(англ.)(недоступная ссылка). Национальная статистическая служба Грузии. Датæ: 29 октября 2018. Архив 2018-æм азы 23 июлы.
  6. Оценка населения Грузии на 2004—2014 гг. по муниципалитетам по данным Департамента статистики Грузии(англ.)(недоступная ссылка). Датæ: 2014-æм азы 20 октябры. Архив 2014-æм азы 22 июлы.
  7. Национальный состав по краям Грузии (Total population by regions and ethnicity). Итоги переписи населения Грузии 2014 года (2014 GENERAL POPULATION CENSUS RESULTS)(англ.)(недоступная ссылка). Национальная статистическая служба Грузии. Датæ: 2016-æм азы 28 апрелы. Архив 2016-æм азы 8 августы.
  8. Аджария // Словарь современных географических названий / Рус. геогр. о-во. Моск. центр; Под общ. ред. акад. В. М. Котлякова. Институт географии РАН. — Екатеринбург: У-Фактория, 2006.


  NODES
Done 1
eth 2