Бурхъусгалм кæнæ донгалм, хоргалм[1], дыгур. зæринсар[2], зæринсæр[3] (лат. Natrix Natrix, уырыс. Обыкновенный уж) у æнæмарг калм, æппæт Европæйы бирæ рæтты чи цæры, суанг Скандинавийы дæр.

Бурхъусгалм
Бурхъусгалм
Зонадон классификаци
Паддзахад: Цæрæгойтæ
Тип: Хордæджынтæ
Кълас: Хилджытæ
Къорд: Хæрвæгонтæ
Бинонад: Colubridae
Мыггаг: Natrix
Хуыз: Бурхъусгалм
Латинаг ном
Natrix natrix (Linnaeus, 1758) Stejneger, 1907
Ареал
къам
ITIS 700799
NCBI 100823

Бурхъусгалмæн йæ ном сæвзæрдис, йæ «хъусты» цы бур стъæлфытæ сты, уыдон тыххæй. Йæ буар вæййы морæхуыз, цъæх кæнæ сау, буары дæллаг фарс ирддæр вæййы. Дæргъмæ вæййынц 120 сантиметры онг (айкæй куы райгуырынц, уæд æрмæст 18 сантиметры сты).

Бурхъусгалмытæ бирæ рæстæг æрвитынц доны, хæрынц хæфсытæ (стæм хатт кæсæгтæ æмæ мыстытæ дæр).

Ацы калм адæймагæн ницы зиан хæссы. Марг ын куы нæй, æмæ уый тыххæй йæхи хъахъхъæнынмæ тæрсын кæны: йæ сæр размæ æрбаппары, афтæмæй йæ дзыхх дæр гом нæ кæны.

Бурхъусгалмы сæр

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Ирон æвзаджы æмбарынгæнæн дзырдуат : 4 томæй / Гæбæраты Никъалайы иумæйаг редакцийæ ; Уæрæсейы зонæдты академи ; Дзæуджыхъæуы зонадон центр ; Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институт. — М. : Наука, 2007. II-æм том — 486 с.
  2. Тахъазты Фидар. Дыгурон-уырыссаг дзырдуат — Дзæуджыхъæу: Аланыстон, 2003.
  3. Всероссийские Миллеровские чтения: Вып. VI / Под ред. З.В. Кануковой. — Владикавказ: СОИГСИ ВНЦ РАН, 2018. — 400 с.


  NODES
os 2