Ганæ
Га́нæ (англ. Ghana) у паддзахад Ныгуылæн Африкæйы Атлантикон фурды былыл. Колонион рæстæджы хуындис Сызгъæрин Был. XVI æнусы, ам цы сызгъæрин къахтой, уый уыдис дунейы къахинæгты дæсæм хай.
Ганæйы Республикæ | |||||
---|---|---|---|---|---|
Republic of Ghana | |||||
| |||||
Девиз: «Freedom and Justice (англ. Сæрибар æмæ рæстдзинад)» | |||||
Гимн: «God Bless Our Homeland Ghana» | |||||
Официалон æвзаг | англисаг | ||||
Сæйраг сахар | Аккрæ | ||||
Стырдæр сахартæ | Аккрæ, Тамале, Кумаси, Болгатангæ | ||||
Хицауиуæджы хуыз | Президентон республикæ | ||||
Территори | |||||
• Æдæппæт | 238 540 км² | ||||
• Доны уæлцъары % | 3,5 | ||||
Цæрджытæ | |||||
• Бахыгъд | 25 199 609 ад. | ||||
• Æнгомад | 106 ад./км² | ||||
ÆМП | |||||
• Æдæппæт (2004) | 50 416 млн. долл. | ||||
Валютæ | Ганæйы седи[d] | ||||
Интернет-домен | .gh | ||||
Код ISO | GH | ||||
ÆОК-ы код | GHA | ||||
Телефонон код | +233 | ||||
Сахатон таг | 0 | ||||
Викикъæбицы медиа |
Зындгонд сси, мидæггаг Ганæйы регионты цы ашантиаг адæм цæрынц, уыдоны тох Британийы империйы ныхмæ XIX æнусы.
Сæ динмæ гæсгæ Ганæйы цæрджытæй 68,8% сты чырыстæттæ.
Ганæ у Африкæйы хъæздыгдæр бæстæтæй иу. Уый экспорт кæны сызгъæрин, какао, хъæд, кæсаг, бокситтæ, алюминий, марганы æрзæт, алмаситæ.