Джави у сæрмагондæй ивд араббаг алфавит, кæцыйæ пайда кæнынц малайаг æвзагыл фыссынæн. Джави у Брунейы официалон фыссынæдтæй иу, стæй дзы пайда кæнынц, дины тыххæй куы фыссынц, Индонези, Малайзи, Филиппинтæ æмæ Сингапуры.

Алфавит джави. Таблицæ кæсын хъæуы рахизырдыгæй гæлиуырдæм, сæрæй бынмæ.

Алфавит джави малайаг дунейы рагонæй зындгонд у. Ныгуылæнæй пысылмон дин куы парахат кодта, уæд джавийы фыссынад дæр йемæ. Алфавиты мидæг ис араббаг æмæ персайнаг дамгъæтæ, стæй сæрмагонд джавийы нысæнттæ дæр — малайаг мыртæ нысан кæнынмæ.

Рагондæр джавийыл фыст тексттæ сты 1303-æм азæй датæгонд (702 аз пысылмон къалиндармæ гæсгæ), нырыккон латинаг фыссынад та малайæгтæн фæзынди æрмæст XIX æнусы.

Дамгъæтæ

ивын
Нысан Хицæнæй Дзырды
райдиан
Дамгъæты
’хсæн
Дзырды
кæрон
Ном
ا     alif
ب ba
ت ta
ة ة     ـة‎ ta marbutah
ث sa (tha)
ج jim
چ ca
ح ha
خ kha (khO)
د     dal
ذ     zal
ر     ra (rO)
ز     zai
س sin
ش syin
ص sad (sOd)
ض ﺿ dad (dOd)
ط ta (tO)
ظ za (zO)
ع ain
غ ghain
ڠ ڠ ڠـ ـڠـ ـڠ nga
ف fa
ڤ pa
ق qaf
ک ک کـ ـکـ ـک kaf
ݢ ݢ ݢـ ـݢـ ـݢ ga
ل lam
م mim
ن nun
و     wau
ۏ ۏ     ـۏ va
ه ha
ء ء     ء hamzah
ي ya
ی ی     ye
ڽ ڽ ـڽ nya

Æддаг æрмæг

ивын
  NODES