Койне́ (гр. Κοινὴ Ἑλληνική «иумæйаг грекъаг»[1], кæнæ ἡ κοινὴ διάλεκτος, «иумæйаг диалект») у грекъаг æвзаджы формæ, кæцы фæзындис æмæ рапарахат ис фæсклассикон антикон дуджы. Койне сси Гречъы фыццаг уæлрегионон диалект, стæй Ромы империйы æппæт скæсæйнаг хайы æхсæнадæмон æвзаг (лингва-франка).

Койне уыдис, Ног Фæдзæхсты чингуытæ цы æвзагыл фыст æрцыдис, уыцы æвзаг дæр[2].

Литературæ

ивын

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Дзырдбаст Κοινὴ Ἑλληνική классикон дуджы зæлыдис куыд [kɔɪˈnɛː ɛlɛːniˈkɛː], уыимæ баст у уырыссаг (æмæ ирон) æвзаджы формæ «койне» дæр. Нæ эрæйы IV æнусы æмæ фæстæдæр дзурыны ахаст ивта, æмæ уыцы дзырдбаст зæлыдис куыд [kyˈniː ɛliniˈki], нырыккон димотикæйы та — [kʲiˈni e̞liniˈkʲi]
  2. Andriotis, Nikolaos P. History of the Greek Language.


  NODES