Роттерда́м (нидерл. Rotterdam [ˌrɔtərˈdɑm]) у Нидерландты дыккаг стырдæр сахар. Цæрынц дзы 600 мин адæймаджы бæрц (2007), йæ алфамбылай цæрæнрæттимæ — 1,1 милуан. Сахар лæууы цалдæр цæугæдæттæ æмæ каналты былтыл, уыдонæй стырдæр у цæугæдон МаасЕвропæйы ахсджиаг доны траспорты фæндаг.

Сахар
Роттердам
нидерл. Rotterdam
Тырыса Герб
Тырыса Герб
51°55′ с. ш. 4°29′ в. д.HGЯO
Паддзахад Нидерландтæ Нидерландтæ
Провинци Хуссар Голланди
Истори æмæ географи
Фæзуат
  • 319,35 км²
Сахатон таг UTC+1:00, сæрды UTC+2:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ
Цифрон идентификатортæ
Телефонон код +31 10
Посты индекс 3000–3089
rotterdam.nl(нид.)
Роттердам (Нидерландтæ)
Роттердам (Хуссар Голланди)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Уый у стыр транспортон, æфсæнвæндагон æлхынцъ æмæ порт. Роттердамы порт у Европæйы тæккæ стырдæр, 2004-æм азы онг уый уыдис дунейы стырдæр (уæргъты бæрцуатмæ гæсгæ).

Истори

ивын

Фашистты æфсад Нидерландтæм бырсын байдыдта 1940-æм азы майы. Нидерландаг æфсад карзæй хъахъхъæдта Роттердамы сахар. Уыцы ныхмæлæуд ныссæндынæн немыц æркалдтой бомбæтæ Роттердамыл, уый уыд 1940-æм азы 14 майы. Сахар егъау зиан баййæфта: 24 мин амæддзæгтæ хæлд æрцыдысты 15 минуты дæргъы. 800 адæймаджы бæрц дзыхъмард фесты, 80 минæй фылдæр систы æнæхæдзар, Роттердамы зæронд центр хæлддзаг фестадис.

Уыцы цау у сахары историйы зынгæдæр трагеди. Роттердамы центры лæууы мысæн мæсыг, уый мидæг æвæрд дзæнгæрæг алы бон дæр цæгъды бомбакæлæн 1940-æм азы куы райдыдта, уыцы иу рæстæг.

Этникон сконд

ивын

Роттердамы цæрджыты æрдæгæй фылдæр сты эмигранттæ — сæ фылдæр Суринам, Турк æмæ Æввахс Скæсæнæй. Роттердамы бургомистр (мэр) сси Ахмед Абуталеб — Ныгуылæн Европæйы фыццаг мэр, Европæйы æдде чи райгуырд æмæ йæ динмæ гæсгæ пысылмон чи у, ахæм. Абуталеб райгуырдис 1961-æм азы Мароккойы, æхсæрдæс азы йыл куы цыди, уæд йæ ныййæрджытæ йæ семæ райстой Нидерландтæм.

Æхсæнадæмон организацитæ

ивын

Роттердамы у Æппæтдунеон эсперантойы ассоциацийы сæйраг къантор (эспер. Centra Oficejo de UEA).

Фиппаинæгтæ

ивын


  NODES